Раса Юкневичене – мах Гуырдзыстоны нæ стæм, цæмæй искæцы партийы фарс рахæцæм, фæнды нæ, цæмæй Евроцæдис архайа æмæ фылдæр фарсылхæцындзинад равдиса Гуырдзыстонæн
Гуырдзыстоны Европарламенты авд уæнг кæй ис, кæцытæ æндæр æмæ æндæр политикон къордты æвдисынц æмæ Европарламенты Гуырдзыстонимæ баст фарстытæн дзуапп дæттынц, йæхæдæг бирæ нысан кæны, – уый фæдыл Европарламенты депутат Раса Юкневичене Гуырдзыстоны президентимæ фембæлды фæстæ расидтис.
Раса Юкневиченейы ныхасмæ гæсгæ, европарламентаритæ Гуырдзыстоны сты факттæ сбæлвырдгæнæг миссийы фæлгæтты.
«Фæнды нæ солидарондзинад расидæм уыдонимæ, кæцытæ нырма дæр уынгты Евроцæдисы тырысатæ хæлынц æмæ дарддæр кæнынц тох, цы ис фыст Гуырдзыстоны конституцийы. Ай у Гуырдзыстоны евроатлантикон фæндаг. Гуырдзыстон Евроцæдисы уæнг суæвыны ног кандидат у. Ацы статус нымайы бæрзонд стандарттæ æххæст кæнын. Мах стæм Гуырдзыстоны фактиртасæн миссийы фæлгæтты, цæмæй бынатыл уавæр фенæм. Нæ фембæлдтытæ сты ахсджиаг, цæмæй раст хатдзæгмæ æрцæуæм. Нæ фæндон у, цæмæй Евроцæдис архайа æмæ хъæрдæрæй дзура æмæ фылдæр æххуыс кæна Гуырдзыстонæн. Мах зонæм, æнкъарæм, цæмæй Гуырдзыстон у европон бæстæ, мах нæ стæм Гуырдзыстоны, цæмæй æххуыс кæнæм искæцы конкретон политикон партийæн, ам стæм, цæмæй æххуыс кæнæм Гуырдзыстонæн куыд паддзахадæн ацы иттæг нысаниуæгджын æмæ æскъуыддзаггæнæг рæстæджы», – расидтис европарламентар.