Ранæуæггонд Тымбыл Паркъ бæрæгбойнонæй байгом ис. Сæрмагондæй ацы бонмæ паркъы музыкант Давит Эвгенидзейы концерт æрцыд лæвæрд. Уымæй дарддæр ма, сывæллæттæн æвдыст æрцыд ивхæрсæн программæ.
Проекты фæлгæтты æнæхъæнæй сног ис паркъы инфраструктурæ: ивд æрцыд æддаг рухсыты системæ, зæххыбын аугъдтой коммуникацион телтæ, авторимæ разыйæ æмæ хайадисгæйæ, æнæхъæн реабилтацигонд æрцыд фонтан – «Чысыл Принц», æрмæст йæ алыварс та сырæзт дренажы функциджын æрдзон дурты композитон æмбæрзæн, монтажгонд æрцыд бандæттæ рухсытимæ æмæ декоративон рухсытæ, къахвæндаг срæсугъд кодтой траверттинийы плиткæйæ.
Афтæдæр ныссагъдтой 1000 квадратон метры рулонон кæрдæг, сырæзт донхæрæн системæ æмæ ныссагъдтой æндæр æмæ æндæр мыггæгты къутæртæ.
Реабилитацион куыстытæ инфраструктурæй рæзынады сахарон куысты закъазæй сæххæст кодта «Гринсервис+». Проекты сæххæсты афтæдæр баст уыд æрдзы хъахъхъæды сахарон куыст «Тбилсервис къорд» æмæ «Экосервис Къорд». Проекты сыххæстæн æмтгæй райсгæйæ бахардз ис 515 000 лари.
Ранæуæггонд Тымбыл Паркхъы байгоммæ бацыдысты Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе æмæ Тбилисы мэр Каха Каладзе.