Ошкийы аргъуаны реабилитаци дарддæр кæны

Ошкийы  Иоанн Натлиагæнæг аргъуаны  реабилитацион  куыстытæ  цæуынц.  Тбилисы  паддзахадон  университеты  профессоры  Гиорги  Двалашвилийы  информацийæ,  кæцы цалдæр  боны размæ  уыд Турчы,   аргъуан  æфсæйнаг  æмбондæй у  арæнгонд.  Мидæг территорийыл  аргъуанмæ цæуджытæн  змæлды  бар арæнгонд у.  Ошкийы  семинарийы  æмæ   библиотекæмæ  та  туристтæн бацæуын сæ бон у  сæрибарæй.

Ошкийы куполы фидаргæнæн куыстытæ  Гуырдзыстоны æмæ Турчы  хицауадты  æхсæн  2017 азы  23 майы  къухбафыст  документы  бындурыл цæуы  æххæст,  кæцы дыууæ  бæстæйы  æхсæн культурон  бындарады  хъахъхъæды сферæйы  æмкуысткæнынады  уæрæх спектрмæ.