Райсомæй Батум æмæ Кутаисы змæлдыл алы хуызы арæнæвæрд ивд æрцæудзæн
Райсомæй Батум æмæ Кутаисы змæлдыл алы хуызы арæнæвæрд ивд æрцæудзæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа фехъусын кодта.
«Райсомæй, ахæм горæттæ, цахæм дæр сты батум æмæ Кутаис, алы хуызы арæнæвæрд змæлдыл, аивдзыстæм. Баззайдзæн æрмæст бæрæг арæнæвæрдтæ Тбилисы æмæ Руставы. Уый комкоммæ баст у эпидемиологион уавæримæ.
Тбилисы æмæ Руставы дæр ацы бонты эпидемиологион уавæрмæ гæсгæйæ, æмбæлон уынаффæтæ æрцæудзæн ист, – загъта Гиорги Гахариа.