Райсомæй  арæзтады  секторы архайæг компанитæ  сæ  куыст сног кæндзысты
Райсомæй арæзтады секторы архайæг компанитæ сæ куыст сног кæндзысты

5 майæ  ратдзыстæм барлæвæрдтæ,  цæмæй  куыст сног кæной  арæзтадон   секторы  архайæг  алы  компани  æмæ      арæзтадон æрмæджыты амалгæнæг алы   компани, – уый   фæдыл   Гуырдзыстоны  премьер-министр  Гиорги Гахариа   хицауады рабадтыл райхъусын кодта.

Гиорги Гахариа  куыд банысан кодта,  афтæмæй,   алы  компани, кæцы  баст у  арæзтады  бизнесимæ, уыдзæн  сæм фадат  кусын сног кæнын  5  майæ.

«Басгæрстытæ, кæцы ты ныр æхст кæны  специалон къорд  æнæнизхъахъхъæды   æмæ  экономикæйы   министрады  базæйыл,   адарддæр кæндзæн  æрвылбойнон  басгæрст.  Фæнды мæ  уыцы   компаниты  хицæуттæн æмæ  къухдариуæггæнджытæн фехъусын кæнын, цæмæй  тынг бæрнон ахаст дарой  æрвылбойнон куыстмæ  æмæ  уыцы  уагæвæрдтæм,  кæцытæ  сфидар кодта æнæнизхъахъхъæды министрад» – фехъусын кодта Гиорги Гахариа.