Бирæнацион ахуыр «Аккаг Партнерад 2022» Вазианийы, IV фистæгон бригадæйы фæзыл, официалонæй байгоми.
Æхсæнадæмон ахуырт байгомы церемониалыл хъахъхъæнынады уагдоны минæвæрттæ, ахуырты хайадисæг бæстæты хъахъхъæнынады атташетæ, афтæма НАТО-йы сæйраг къорд, НАТО-ы æмцæдисонон офисы æмæ Евроцæдисы мониторингы мисийы минæвæрттæ уыдысты.
«Гуырдзыстоны, бирæнацион ахуыр «Аккаг Партнерад 2022» нырид æхсæзæм хатт цæуы. Æхсæнадæмон ахуыртæн къухдариуæг кæнынц Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты сæрдарад æмæ Европæ æмæ Африкæйы АИШ-ы сæрдарад (USAREUR) , æххуыс та кæны ахуырты æмæ æфсæддон рухсады сæрдарады азуырты æмæ аргълæвæрды иумæйаг центр (JTEC).
«Аккаг Партнерад 2022»-æн йæ нысан у Гуырдзыстоны, АИШ-ы, регионон партнерты æмæ æмцæдисон бæстæты æхсæн цæттæдзинады æмæ кæрæдзимæ æмбынатиндзинад сбæрзонддæр кæнын Сау денджызырегионы стабилон, æдас уавæр сфидар кæнынæн. Ахуырты историйы ацы аз фыццаг хатт райсдзысты хайад Япони æмæ Швецийы гарзджын тыхты минæвæрттæ. Ацы аз бирæнацион ахуырты баст у 2 400-æй фылдæр æфсæддон. Ахуырты хайадисджытæ сты: Гуырдзыстон, АИШ, Болгари, Румыни, Молдовæ,Греци, Стыр Британи, Турк, Словаки, Норвеги, Венгри, Лиетувæ, Азербайджан, Германи, Босни-Герцоговинæ, Эстони, Польшæ, Япони, Лиетувæ-Польшæ-Украинайы бирæнацион бригадæ æмæ Швецийы гарзджын тыхтæ», – дзырдæуы информацийы.