Америкаг эскадрæйы эсминец Сау Денджызы æфсæддон ахуырты райсдзæн хайад
Америкаг эсминец Сау Денджызмæ бахызт – уый тыххæй информацийы АИШ-ы æхсæзæм флот хъусын кæны.
Фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, æфсæддон нау Украинайы территорион дæттæм бахиздзæн, цы ран хайад райсдзæн æфсæддон ахуырты номхуындæй ““и Бриз 2019» (Sea Breeze 2019).
Эсминец «Карни» АИШ-ы æмæ Украинайы фысымдзинадæй плангонд маневртмæ бьауи уыдзæн. «Си Бриз 2019»-ы хайад райсдзысты 3000 æфсæддоны 19 бæстæйæ. Сæ нымæцы Болгарийæ, Канадæйæ, Данийæ, Эстонийæ, Стыр Британийæ, АИШ-æй, Норвегийæ, Францæй, Грецийæ, Италийæ, Латвийæ, Лиетувæйæ, Молдовæйæ, Польшæйæ, Румынийæ,Швецийæ, Туркæй æмæ Гуырдзыстонæй.
Маневртæ фыццаг июлы райдадзысты æмæ ахуыртæм баиу уыдзæн 32 нау æмæ 234 хæдтæхæг.