Рæстдинон дуне абон бæрæгбон кæны Мад Майрæмы Хорхзуацы Фехъуысæн
Рæстдинон дуне абон 7 апрелы, Мад Майрæмы Хорхзуацы Фехъуысæн бæрæгбон кæны. Ацы бон алы архайæг аргъуаны бæрæгбойнон скуывд æххæст кæнынц.
Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг литургий ауадздзæн Самебайы кафедралон аргъуаны.
Мад Майрæмы Хорхзуацы Фехъуысæн стыр рæстдинон бæрæгбонтæй сæ иуæй-иу у. Евангелимæ гæсгæйæ, ацы бон галилейаг горæт Назареты Æппæтсыгъдæг Мад Майрæммæ фæзындис сæйрагзæд Габриил æмæ йын загъта: «Марийæ, Хуыцау дæ йе стыр хорзæхæй схайджын кодта. Ды басывæрджын уыдзынæ æмæ дын райгуырдзæн лæппу, æмæ-иу æй схон Йесо. Уый суыдзæн Паддзах, æмæ йæ Паддзахад уыдзæн æнустæм».
Бæрæгбонон скуывды трансляци Самебайы кафедралон аргъуанæй радæтдзæн Гуырдзыстоны Фыццаг Канал.