Рæстдинон дуне абон бæрæгбон кæны  Зазхæссæн
Рæстдинон дуне абон бæрæгбон кæны Зазхæссæн

Рæстдинон дуне абон бæрæгбон кæны  Зазхæссæн.   Бæрæгбойнон   литурги  алы архайæг аргъуаны  цæуы.

Æппæт гуырдзыстоны Каталикос Патриарх  Хуыцаумæ скуывд  Самебайы  кафедралон аргъуаны райдыдта  10:00 сахатыл.

Зазхæссæн  у  12  стыр бæрæгбонтæй  сæ  иу æмæ  Куадзæны   раззаг  къуыри  банысан кæнынц.   Ацы  бон  аргъуан  мысы  Цардæттæгы   Йерусалиммæ кадæй   бацыд.  Евангелимæ гæсгæ, Лазары   мæрдтæй   судæгас  кæныны фæстæ, Чырысти  Пасекы  сбæрæгбон кæнынæн  Йерусалеммæ  ныццыд.  Сахармæ   бахызт  хæрæгыл бадæгæйæ,  цæрджытæ  та йæ размæ рацыдысты   цингæнгæйæ.  Уыдон Цардæттæгæн йæ фæндагыл  заргæ-зарын райтыгъдтой   сæ  дарæс æмæ   пальмæйы   калиутæ.  Рæстдинонтæ   ацы  бон   аргъуанмæ   донхæрисы  къалиутимæ бацæуынц, æмæ сæ  стæй  æнæхъæн афæдзы  дæргъы  æвæрынц.