Рæстæгмæ фæдæвзарæг камисы рабадтыл, æмбарынгæнæнтæм æрбахонинаг уæнгты æнæххæст номхыгъд сбæлвырд ис
Хоравайы уынгыл æрцæугæ марындзинады бацахуыргæнæг, парламенты рæстæгмæ фæдæвзарæг камисы рабадтыл, камисы æрдгæй æмбарынгæнæнтæ раттынмæ æрбацæуæг уæнгты æнæххæст номхыгъд сбæлвырд ис.
Номхыгъды сты :
Заза Саралидзе – фæмардуæвæг æнахъомы фыд, Нестан Лондаридзе – Саралидзеты бинонты адвокат, Давит Дадунашвили – фæмардуæвæг æнахъомы фыд, Хатуна Магълакъелидзе – Дадунашвилиты бинонты минæвар, Михеил Каландиа, Мирза Субелиани, Мераб Морчадзе, Звиад Куправа, Иване Накъаидзе, афтæдæр хъуыддаджы фигурант æндæр æнахъом уæнгтæ сæ минæвæрттимæ иумæ æмæ хъуыддаджы æндæр æвдисæнтæ.
Афтæдæр номхыгъды сты Гуырдзыстоны миндхъуыддæгты министрады минæвæрттæ: министр Гиорги Гахариа, министры хæдивæг – Натиа Мезвришвили, МХМ-ы минæвар – Каха Сирадзе æмæ фæдагурджытæ – Анзор Жамерашвили, Гиорги Табатадзе, Ираклий Пипиа, Ираклий Цагуриа, Лариса Висина, Мириан Джалагъониа, Нугзар Нателашвили, Гиорги Бадзгарадзе.
Гуырдзыстоны прокуратурæйы номхыгъды сты: раздæры сæйраг прокуррор – Ираклий Шотадзе, сæйраг прокурроры хæстæ æххæстгæнæг – Мамука Васадзе, Тбилисы прокуррор – Малхаз Капанадзе, Тбилисы прокурроры хæдивæг – Константине Сирадзе æмæ хъуыддаджы прокуррортæ: Звиад Пхакадзе, Ина Гугушвили, Марика Гогохиа, Тбилисы раздæры прокуррор – Михеил Шахъулашвили, афтæдæр Гиорги Габодзе.
Уымæй уæлдай ма, æнæххæст номхыгъды ис юстицийы министр Тея Цъулукиани, адæмон хъахъхъæнæг Нино Ломджариа.
Афтæма эксперттæ: Сопио Белканиа, Гиорги Цинцадзе, Реваз Капанадзе, Тамар Каишаури, Татунашвили Гулнази, Майя Николеишвили.
Ацы номхыгъдмæ бафтаудзысты мидхъуыддæгты министрады централон криминалон полицийы департаменты директоры æмæ 51-аг скъолайы къухдариуæгад.
Камисы уæнгтæ рабадтыл уынаффæйы фæстиуæгæн ахицæн кодтой, цæмæй сæрыфыццаг, фæсидтдзысты зианбавзарджыты æмæ хъуыддагимæ комкоммæ баст уæнгты. Кæй хъуамæ фæхоной уыцы уæнгты рады фæдыл камисы æруынаффæ кæндзæн этапгай. Афтæма номхыгъд æххæст нæу æмæ камисы куысты процессы, гæнæн ис йæ фæхуыздæр кæнын æмæ ранæуæг кæнын, уый нымæцы хъæугæ цауы, гæнæн суыдзæн номхыгъдæй конкретон уæнгты рацух кæнын кæнæ та йæ номхыгъдмæ бафтауын.
Рæстæгмæ фæдæвзарæг камис иннæ къуырийы æртæ рабадт сараздзæн – 20, 21 æмæ 22 июны.