Радка Бетчева – Райгонд стæм ист закъонæй, кæцы Гуырдзыстоны Æхсæнадон Телеуынынадæн реформирдзинад æмæ райтынгæн æнцой уыдзæн
Хъуыды кæнæм, цæмæй Гуырдзыстоны парламент цы закъон райста, уый Æхсæнадон Телеуынынадæн уыдзæн тынг пайдаджын йæ куыстæн – уый фæдыл Европæйы Телеуынынадты цæдисы скæсæн Европæйы бæстæтимæ ахастыты къухдариуæггæнæг Радка Бетчева Фыыццаг Къаналæн, парламенты «Уацхæссынады фæдыл» закъонопроектыл ветойы сæрты ахизыны фæдыл загъта.
Бетчевайы ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны Æхсæнадон Телеуыныд Европæйы телеуынынадты цæдисы зынаргъ уæнг у, кæцы йæ ныхæстæм гæсгæ, фæстаг азты нысаниуæгджын прогрессмæ баххæссыд.
«Мах нæ хъусдард здæхтам æртæ фарстыл – ай уыд æрылхæдты процедурæ, æвджиддар советы æмæ менеджменты кæрæдзийæ фæхицæн æмæ рекламæйы фарст.
Мæ хзъуыдымæ гæсгæ закъондæтджыты ист скуыддзаг æвæрццагæй бандавдзæн æртæ дæр фарстмæ, уымæн æмæ закъон се ртæмæ дæр æххæссы, афтæдæр куыд реформæтæм Æхсæнадон Телеуынынады.
Гуырдзыстоны æхсæнадон телеуынынад Европæйы телеуынынадты цæдисы аргъджын уæнг у, кæцы фæстаг азты мидæг нысаниуæгджын прогрессмæ баххæссыд, æмæ уыцы хъуыддаг мах æнæ иу хатт банысан кодтам.
Кæд дзы бæрæг проблемон фарстытæ уыдис, фæлæ сæ параменты уæнгтæ ацы закъонопроекты сбæлвырдæй, бахъом сты хуыздæры рдæм раивын. Уырны мæ цæмæй ацы закъон æцæгæйдæр æввæрццаг фæзындзæн Æхсæнадон Телеуынынады куыстыл.
Рох нæ ма хъуамæ кæнæнт цæмæй Æхсæнадон Телеуынынад нымад у æндæр æмæ æндæр сегментыл, хицæн домæнтæ кæмн ис ахæм уæнгтыл, къаддæрдæрты къордтыл, сабитыл æмæ хъауджыдæргонд социалон къордтыл. Уый тыххæй дæр, æй хъæуы финансдзинад, кæцы хъуыддаджы дæр рекламæ æцæгæй дæр нысаниуæгджын роль сæххæст кæндзæн æмæ финансонæй баххуыс кæндзæн» – загъта Радка Бетчева.
Парламент «Уацхæссынады фæдыл» закъондæттæн пакетыл президент Гиорги Маргвелашвилийы бавдыст мотивацигонд фиппаинæгтæ йæ зæрдыл нæ бадартта æмæ 83 хъæлæсæй, 13-ы ныхмæ президенты ветойы сæрты ахызт.