Президент йæ къух хъуамæ бафысса  «Уацхæссынады фæдыл» закъоныл  йæ  арвитыны моментæй авд боны æмгъуыдмæ
Президент йæ къух хъуамæ бафысса «Уацхæссынады фæдыл» закъоныл йæ арвитыны моментæй авд боны æмгъуыдмæ

Уыцы цауы кæд æмæ    президент Гиорги Маргвелашвили йæ къух нæ бафысдзæн  «Уацхæссынады фæдыл» закъонопроектыл,   кæцымæ гæсгæ  æвæрд ветойы сæрты   абон ахызт парламент,  уæд документы бафыссын  æмæ публикацийы рауадзын   тыхбын бауыдзæн парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе.

Регламентмæ гæсгæйæ,   президентмæ   закъонопроекты  бафыссынæн  ис  авд бонон æмгъуыд документы  æрвысты моменты фæстæ.   Фæлæ кæд президент   закъоны  бæлвырд  æмгъуыдты  публикацийы нæ ауадздзæн,   уæд  йыл йæ къух бфысдзæн æмæ  5 боны æмгъуыдмæ   закъондæттæн уацхæссæджы   веб-фарсыл  публикаци скæндзæн   парламенты сæрдар.

Парламент,  Уацхæссынады фæдыл  закъонопроектыл президенты ветойы сæрты ахызт  83 хъæлæсæй  13-ы ныхмæ.