Радиоканал «Гуырдзыстоны радиойæн» лæвæрд æрцыд æнæматериалон культурон бындурады статус
Гуырдзиаг радиоуагъды æнæфæцудгæ традицийæн – радиоканал «Радио Гуырдзыстонæн» лæвæрд æрцыд æнæматериалон культурон бынты цыртдзæвæны статус. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны культурон бынтæ хъахъхъæды националон агентад парахат кæны.
Гуырдзыстоны радио 1925 азы 23-æм майæ кусы æмæ Европæйы рагондæр радиостанцæтæй иу у.
100 азы размæ, гуырдзиаг радиоуагъды райгуырд «Урмулийы» ралæудæй банысан кодтой фыццаг гуырдзиаг сылгоймаг зарæггæнæг, Тархнишвили Маройы æмæ йæ коллективы.
Церетелийы Акакийы хъæлæс 1935-æм азы эфиры фыццаг хатт айхъуыст, гуырдзиаг радиойы историйæн эпохалон момент.
Культурон бынтæ хъахъæды националон агентады нысан кæнынц, цæмæй радио нысаниуæгджын æмвæзадыл æххæст кодта ахуырады æмæ культурæйы парахатгæнæг уагдоны роль, уымæн æмæ сыгъдæг гуырдзиаг ныхас кæддæриддæр хъуыст Гуырдзыстоны радиойы эфиры – суанг гуырдзиаг æвзагыл тох куы цыд, уæд дæр.
Иумæйагæй, сæрмагондæй та гуырдзиаг культурæйы информир кæнын, ахуыр кæнын æмæ популярон кæнын ссис радиойы сæйраг функци.
Гуырдзыстоны радио бахъахъхъæдта æмæ рæзын кодта йæ стыр культурон традицитæ æмæ абон дæр дарддæр кæны уыцы аргъдзинæдтимæ уæвын. Иунæг радиостанц у, кæцыйы нырма дæр хъуысы классикон музыкæ, фольклор, театр, радиопьесæтæ, гуырдзиаг æмæ дунеон литературон уацмыстæ. Ам дарддæр цæуы музыкалон æмæ театралон равдыстыты фыст; Сыгъзæрин фонд æххæстгонд цæуы ног шедевртæй; цæттæ кæнынц зонадон æмæ культурон-рухстауæн программæтæ.