Рачъайы губернатор  хъусын кæны, цæмæй æрдзытыхон азары  фæстиуæгæн  Шовмæ бацæуæн фæндæгтæ æмæ  хидтæ   лæбырд ахаста, фыццаджы дæр  Хæрдмæтæхæгæй  æмбæстæгты  эвакуаци  уыдзæн хъæугæ  [фото]
Рачъайы губернатор хъусын кæны, цæмæй æрдзытыхон азары фæстиуæгæн Шовмæ бацæуæн фæндæгтæ æмæ хидтæ лæбырд ахаста, фыццаджы дæр Хæрдмæтæхæгæй æмбæстæгты эвакуаци уыдзæн хъæугæ [фото]

Курорт Шовмæ бацæуæн  фæндæгтæ æмæ  хидтæ  сыджыт-лæсæн ахаста, бынатыл   сты  ирвæзынгæнджыты къордтæ æмæ   ратахтис хæрдмæтæхæг Тбилисæй, – уый фæдыл  Рачъайы   губернатор   Папуна Маргвелидзе   фехъусын кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн.

Йæ  дзырдæй, зæгъгæ  зианбаййафджыты  фæдыл информаци сæм нырма  нæй.

«Цæфты  фæдыл  нырма  ницы   хонæм. Цæуынц  куыстытæ  ацы æрдæм дæр.   Контактыл стæм   уым чи баззадис  уыдонимæ.   Пырх  сты   коттеджтæ  дæр. Ирвæзынгæнджыты куыст бынатыл ис. Фыццаджы дæр   æмбæстæгты  эвакуаци  уыдзæн хъæугæ  ацы æрдгæй  кусæм планыл», – райхъусын кодта  Маргвелидзе.

Мидхъуыддæгты министрад Шовы  сыджытлæсæны  тыххæй  ахæлиу кодта фидиуæн.  МХМ-ы   куыд фехъусын кодтой афтæмæй,  æрцæугæйы  фæдыл информиргонд у  алы  æмбæлгæ  уагдон æмæ бынатыл мобилизацигонд у хъæугæ техникæ.

«Æхсæнадон фæткдæттыны  центр  112-мæ  уыдис  цалдæр хъусинаг Шовы уæвæг  фысымуат  «Сансет Шовы»   сыджыт-лæбырды  фæстиуæгæн,  фæнды  нæ   æхсæнадæн базонын кæнæм  информаци, цæмæй æрцæугæйы  фæдыл информиргонд у  алы  хъæугæ  уагдон,  бынатыл мобилизацигонд у  æмбæлгæ техникæ  æмæ афтæдæр  бынæтмæ фæцæуы  уæлæмхас  техникæ», – уый фæдыл  МХ  министрады  фидиуæны у банысангонд. Цауы  бынатмæ мидхъуыддæгты министрады  арæйнон апъæлицæйы  дыууæ  хæрдмæтæхæгæй  фæцæйтæхынц   уæлвæтк уавæрты  фæткдæттæг куысты    ирвæзынгæнджытæ æмæ æндæр пъæлицæйон хайадты минæвæрттæ. Ацы  этапыл зианбаййафджыты  фæдыл бæлвырд информаци  нæй, уæлæмхас  информаци уын этапгай базонын кæндзыстæм», – дзырдæуы  фидиуæны.