Пысылмонон дуне  бæрæгбон кæны Хъуырман
Пысылмонон дуне бæрæгбон кæны Хъуырман

Пысылмон диныл æууæндæг адæм, исламы дунейы иуæй-иу  сеппæтæй  стыр бæрæгбон,  Хъуырман бæрæгбон кæнынц.

Хъуырман   бæрæгбон кæнынц  комбæттæн- Рамаданæй 70-æм бон.   Хъуырманы бæрæгбон нæлгоймæгтæ  иу хурыскастмæ  фæкувынц.  Бæрæгбонон скуывд  Тбилисы мæзджыты  06:00 сахатыл  райдыдта.

Хъуырманы бæрæгбоны ахсджиагдæр фæзилæнтæй иу у бæрæгбоны номыл кусарт акæнын. Снывонд кæнынц фыс, сæгъ, теуа, кæмæн куыд йæ фадат у, афтæ. Кусæрттаджы дзидза  æртæйыл  адих вæйы æмæ  иу æй байуарынц  мæгуыртæн кæнæ  сидзæртæн, сыхæгтæн сæ динмæ нæкæсгæ æмæ  иу хай та   хæдзары бинонты æхсæн фæуадзынц.

Пысылмон дингæнæг адæмы сæйраг  бæрæгбон æртæ-цыппар боны ахæссы.