Хъуырманы бæрæгбонмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны муфтий Батумы централон мæзджыты куывд сарæзта
Хъуырманы бæрæгбонмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны муфтий Батумы централон мæзджыты куывд сарæзта

Пысылмон дуне бæрæг кæны стырдæр дины бæрæгбæттæй иу — Хъуырман.

Хъуырман Байрамы бæрæгбон гуырдзиаг уырнджытæ дæр банысан кодтой. Бæрæгбонон куывд Гуырдзыстоны муфтий, Адам Шантадзе Батумы централон мæзджыты сарæзта. Куывд æххæстгонд æрцыд райсомы 06:18 сахатыл.

Хъуырман у нывондхæссæн бæрæгбон, æмæ ацы традици баст у библион Авраамимæ. Хъуыраны куыд фыст ис, афтæмæй Хуыцауы фæндон уыд, цæмæй Авраам нывондæн æрхастаид йæхи фырты. Куы йæ бауырныдта, пехуымпар æцæгæйдæр цæттæ кæй у Йæ фырты нывондæн æрхæссынмæ, уæд æрвыста уæрыкк æмæ йын загъта, цæмæй йæ нывондæн æрхæсса йæ фырты бæсты — Авраам фæлварæн æнтыстджынæй кæй рацыд, уый нысанæн.

Хъуырман ахæссы æртæ боны. Ацы бон уырнæг адæм нывондæн хæссынц цыппаркъахыг хæдзарон цæрæгойы Аллахæн, æмæ йæ дзидза дих кæнынц сыхæгтæн, æххуысхъуаг адæмæн æмæ мæгуыртæн бинонты уæнгтимæ иумæ.

Куывды рæстæджы муфтий Адам Шантадзе куыд расидтис, афтæмæй Хъуырман у сеппæтæй хуыздæр рæстæг хатыр кæнынæн.

«Бæстæйы фæстаг рæстæджы цаутæ æвдисынц, цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн хъæуы иудзинад, цæмæй бахъахъхъæной бæстæ æмæ суверенитет. Уый у дихгонд бæстæ, кæцы знагæн къух дæтты.Сæрмагонд хъусдард хъуамæ уа æвзонг фæсивæдмæ, уыдон сты нæ фидæн», – расидтис Адам Шантадзе.