Тбилисы дыууæ ахуыргæнинагы марындзинады хъуыддагыл ахст æнахъом Г.Б. тæрхоны процессыл ницы загъта – ахæм фидиуæн сарызта прокуррор Иосеб Хуцишвили медиимæ ныхасы рæстæджы.
Прокуратурæйы минæвар бамбарын кодта, цæмæй тæрхондон æххæстæй сразы ис фæдæвзарæг уагдоны позициимæ æмæ куырдиатæн æвæрццаг дзуапп ратта.
Уымæй уæлдай, Хуцишвили бамбарын кодта, цæмæй закъонæй бææрæг æмгъуыдмæ аххосаг бавдисдзысты уыцы уæнгтæн, кæцыты абон, фыдракæнды тыххæй информацийы кæй бамбæхстой уый тыххæй æрцахстой.
«Æнахъом ницы загъта. Тæрхондон сразы ис нæ куырдиатимæ. Ныр цæуы интенсивон фæдæвзарæн. Абон ахæсттæн бавдыст уыдзæн аххосаг æмæ тæрхондонмæ дæр баситджзыстæм. Субелианийы темæйæ чидæртæ спекуляцитæ кæнынц,ф æлæ фæдагуырд алцыппæт дæр рабæрæг кæндзæн. Фæдæвзарæны интерестæй рацæугæйæ, мæ бон фылдæр зæгъын нæу. Абон кæй æрцахстой, уыдон аахосджын сты фыдракæнды фæдыл информацийы бамбæхсыны» загъта Иосеб Хуцишвили.