Прокуратурæ, Поты æрцæугæ фактыл полицийы инспектор –фæдæвзарæгы зылынмæ лæвæрды хуызæй æрцахста
Прокуратурæ, Поты  æрцæугæ фактыл  полицийы  инспектор –фæдæвзарæгы зылынмæ лæвæрды хуызæй  æрцахста

Прокуратурæйы Поты  æрцæугæ фактыл  полицийы  инспектор –фæдæвзарæгы зылынмæ лæвæрды хуызæй  æрцахста.   Уагдоны  ахæлиугонд фидиуæны  куыд дзырдæуы  афтæмæй,  хъуыддагыл   райдыдта  фæдæвзарын  333-аг  статийы  3-аг хайы «Б» дæлпунктæй,  кæцы  йæ  хъуыдыйы  дары   кусæн æххæстбарты  сæрты ахизын   тыхон архайдæй, кæнæ  æхсæнгарзæй  спайдайæ.

«2018 азы 23 июлы,  сæумæрайсомы  -4:00  сахатмæ  æввахс,   сахар Поты  Дадианийы  фæзы  алфæмбылай территорийыл, Нино  Жваниайы   уынгыл,   халсары  дуканийы  цур лæууæг      фидтæнты  фидæн аппараты басæттыны æмæ хца  адавыны архайды  фактыл,   ахсты  рæстæджы, Поты полицийы   инспектор-фæдæвзарæг,  табелон пистолетæй  фехста   иу  уæнгы,  кæцы  рынчындонмæ  баласыны фæстæ    амард.

Хъуыддагыл  фæдæвзарæн уадзы  Мегрелиа-Уæллаг Сванеты  бæстæон  прокуратурæйы  Фæдвзарæн  хайад,  333-аг  3-аг хайы  «Б»дæлпунктæй,   кæцы йæ  хъуыдыйы  дары  кусæн æххæстбарты сæрты ахизын  тыхми,   кæнæ  æхсæнгарзæй спайдайæ.  Полицийы   инспектор-фæдæвзарæг   ахст  у   зылынмæ лæвæрды  хуызæй» -банысангонд у сæйраг прокуратурæйы  фидиуæны.