Прокуратурæ Ника Мелиайæн ахст раттыны куырдиатæй сахарон тæрхондонмæ басидтис
Гуырдзыстоны генералон прокуратурæ Ника Мелиайæн ахст раттыны куырдиатæй сахарон тæрхондонмæ басидтис.
Æнхъæлцау абон сырæздзæн рабадт Ника Мелиайæн æфхæрды мадзæлтты фæдыл.
Прокуратурæ Мелиайæн æфхæрды мадзалæй домы ахст раттын.
Уымæй дарддæр ма Гуырдзыстоны парламент знон сразы ис цæмæй прокуратурæ тæрхондонмæ баздæха Ника Мелиайы æрцахсыны куырдиатæй.
Гуырдзыстны генералон прокуратурæ æмæ мидхъуыддæгты министрады централон криминалон полицийы департамент, уадзы фæдагуырд 2019 азы 20-21 июны, парламенты раз ацæугæ акцийыл къордон тыхмидзинады организацийы, къухдариуæг кæнын æмæ уым хайад райсыны фактыл, Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 225-æм статийæ.Фæнысангонд фæдæвзарæны фæлгæтты, Гуырдзыстоны парламенты уæнгы Никанор Мелиайы æрдæм рабæрæг ис тугтæрхоны барады кодексæй зæрдылдард фыдракæнды нысæнттæ. Акцийы цыды рæстæджы къордон тыхмидзинады къуыхдариуæгкæныны æмæ уым хайад райсты тыххæй, Никанор Мелиайы æрдæм, рахастæуыд зылынгæнæг уагæвæрд Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 225-æм статийы фыццаг æмæ дыккаг хæйттæм гæсгæ. Никанор Мелиамæ райсоммæ фæсидтысты Гуырдзыстоны генералон проуратурæмæ уымæн аххосаг бавдисыны нысанæй. Генералон прокуратурæ, Гуырдзыстоны парламенты регламентмæ æмбæлгæйæ, ныридæгæн фехъусын кодта закъондæттæг органæн парламенты уæнгы тугтæрхоны барады дзуаппмæ раттыны тыххæй, æмæ йæм басидтис, зылынмæ лæвæрды æрдæм ахстæй æфхæрд æрдомынæн, барлæвæрд раттыны куырдиатæй.