Прокуратурæ, 51-аг скъолайы цур æрцæугæ марындзинады факты басусæг кæныны тыххæй, тæрхонмæ ратта 5 уæнгы
Тбилисы прокуратурæ, 51-аг сколайы цур ææрцæугæ æмбаргæйæ æнахъомты æрдæм барæй марындзинады факты бамбæхсыны тыххæй, фондз уæнгы – Т.К., М.К., Л.К., Г.Ш. æмæ З.Цъ.-йы тугтæрхоны барады тæрхонмæ ратта.
Информацийы хæлиу кæны сæйраг прокуратурæ.
«Фæдагуырдæй фæбæрæг, цæмæй фæнысангонд уæнгтæ басусæг кодтой æнахъом Г.Дж.-йы сæххæст иттæг уæззау фыдракæнд – барæй марындзинады кæцыйы уый ракодта æмбаргæйæ æнахъомы ныхмæ. Уыдон активон архæйдтытæй бацархайдтой фыдракæнды фæд бамбæрзын, хъуыддагæн нысаниуæгджын юæлвырдгæнæнты бамбæхсын æмæ скуынæг кæнын, афтæдæр баххуыс кодтой æнахъом Г.Дж.-йы бамбæхсынæн.
Фæнысангонд уæнгты аххосджын кæнынц, Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 375-æм статимæ гæсгæйæ ( фыдракæнд басусæг кæнын).
Зылынмæ лæвæрдтæй 3 уæнгы сты ахст, æрмæст 2 уæнгмæ æххæссы æнахъомты расттæрхоны кодексы, кæцыйы тыххæй се æрцахсын гæнæн нæй. Сæ иу у 17 аздзыд æмæ къаддæр уæзы фыдракæнды тыххæй закъон ахсты йæ хъуыдыйы нæ дары, æрмæст дыккаг уæнг у 21 азы онг кары, сæтты фыдракæндыл æмæ æмгуыст кæны фæдæвзарæнимæ, афтæдæр зæрдылдард у уыцы уавæр, цæмæй фæнысангонд хъуыддагыл, зылынмæ лææрды статусæй у ахст йæ фыд.
Бавдыст аххосаг æфхæрды хуызæй, йæ хъуыдыйы адры ахст 3 азы онг æмгъуыдмæ» – дзырдæуы прокуратурæйы фидиуæны.