Прогнозы бæрæггæнæнтæй, Европарламенты сегасдæр стыр къорд уыдзæн «Европæйы Адæмон Партийæн», кæцы 184 мандат самал кодта, «Социалистты æмæ Демократты» кхордæн та 139 мандат уыдзæн
Евроцæдисы 27 бæстæйы 185 милуан æвзæрстгæнæг Европарламенты ног сконд сывзæрстой. Прогнозты æмвæзыл бахыгъды бындурыл, Европарламенты сегасдæр стыр къорд рахиз-центристон «Европæйы Адæмон Парти» уыдзæн, кæцыйæ 720бынатджын парламенты 184 мандат уыдæн. «Европæйы Адæмон Партийæн» 2019 азы æвзæрстыттмæ абаргæйæ европарламенты аст мандатæй фылдæр уыдзæн.
Уæвæг бæрæггæнæнтæй, галиу-центристон «Социалисттæ æмæ Демократты» кхорд Европаламенты бавдыст уыдзæн 139 бынатæй æмæ уый у 20198 азы æвзæрстытыл сæ фæстиуæгы аналогион.
Позицитæ нысаниуæгджын фæлæмæгъ сты либералон къордæн «Ранæуæг кæн Европæ», кæцыйæн 23 мандатæй къаддæр уыдзæн, æмтгæй райсгæйæ та, Европарламенты 79 мандат райсдзæн.
Мандатты ынмæц цыппарæй райрæзтис Европарламенты «КОнсерваторты æмæ реформистты» къордæн, кæцыйæн Евроцæдис ыпарламенты 74 мандат уыдзæн.
Позицитæ фæхуыздæр сты рахизты кхордæн, «Идентондзинад æмæ Демократи» кæцыйæн европарламенты уыдзæн 58 мандат.
Раззаг æвзæрстытимæ абаргæйæ рейтинг фкесæфты «Цъæхты» кхорд,к æцыйæн 19 мандатæй къаддæр уыдзæн æмæ Европарламенты 52 бынатæй удызæн бадвыст.
Банысанкæнинаг у, цæмæй Европарламенты 37 мандатæй фылдæр райстой уыцы парламентаритæ, чидæридæриддæр иунæг политикон кордимæ дæр не сты баст. Ахæмтæн европарламенты уыдзæн 99 бынат.
Медиа кууыд фыссы афтæмæй, фæтсиуджытæй бæрæг у, цæмæй Ервокомиссийы президент, Урсула фон дер Ляйенæн ис дзæбæх шанс йæ постыл баззайынæн, фæлæ уый фæстагмæ бæрæг нæу. Евроцæдисы националон лидерты фарсхæцын йын кæд уыдзæн, уæд ма йын парламенты фарсдарын дæр базхъæудзæн.