Президенты импичменты фарста кæсын парламенты абон ацæудзæн
Президенты импичменты фарста кæсын парламенты абон ацæудзæн

Президенты импичменты  фарста кæсын   парламенты абон  ацæудзæн.  Фарстайы  кæсын райдайдзæн  12:00 сахатыл.

Гуырдзысотны  парламенты сæрдар Шалва Папуашвили  куыд райхъусын кодта афтæмæй,  зæгъгæ уыдис йын  коммуникаци  президенты администрациимæ цы ран сбæлвырд кодтой, цæмæй   рабадтмæ  бацæудзæн йæхæдæг Саломэ Зурабишвили дæр.

«Гуырдзыстоны  парламенты уынаффæйы проектимæ Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишилийы  импичменты  уагæй  йæ куыстæй  сисыны  фарста кæсын æмæ хъæлæскæныны æмгъуыд  сбæрæг кæныны фæдыл», – сразы ис 88  депутат, йæ ныхмæ  схъæлæс кодтой  парламенты аст уæнг.

Президенты импичменты тыххæй барадон хай фæцис, знон конституцион тæрхондон куы райхъусын кодта уынаффæ, ома  президент Гуырдзыстоны Конституци  фехæлдта. Уый фæстæ,  процесс ахызт закъондæттæг оргæнмæ.  Президентæн  импичмент расидынæн   парламенты 100 уæнгы хъæлæс хъæуы.