Президенты администраци – Президент минæвæртты конференцийыл нæ уыд, уымæн æмæ протокол уымæн нысангонд бынат йын нæ ратта, кæцы у протоколон хæлд
Президенты администрацийы хъусын кæнынц, цæмæй абон цæугæ минæвæртты конференцийыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили кæй нæ уыдис æрцыд протоколо хæлды аххосæй.
Президент пресс-куысты журналистты дзуаппæн куыд райхæлдтой афтæмæй, президентæн нæ раттой уымæн протоколы уагæй нысангонд бынат, кæцы у хæлд. «Президент абон плангонд «минæвæртты конференцийыл» нæ уыдис, уымæн æмæ протокол президентæн протоколы уагæй нысангонд бынат нæ ратта, кæцы у протоколы хæлд» – æмбарын кæнынц президенты администрацийы.
Фæсарæнты Гуырдзыстоны дипломатон мисситы къухдариуæггæнджыты æрвылазон æмбырд – «минæвæртты конференци 2022» Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады абон сæумæрайсом байгом ис. Мадзалыл дзырдæй ралæууыдысты Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, парламенты сæрдар Шалва Папуашвили æмæ фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили. Мадзалы фæлгæтты, плангонд уыд Гуырдзыстоны преизденты дзырдæй ралæуд дæр.