Президенты администраци – æркуырдмæ нæкæсгæ парламент, импичменты фарста кæсынмæ, рабадтмæ нæ фæхуыдта дипломатон корпусы æмæ  тæрхондоны президенты минæвæртты
Президенты администраци – æркуырдмæ нæкæсгæ парламент, импичменты фарста кæсынмæ, рабадтмæ нæ фæхуыдта дипломатон корпусы æмæ тæрхондоны президенты минæвæртты

Æркуырдмæ нæкæсгæ, парламент  нæзагъд ракодта, импичменты фарста кæсыны рабадтмæ  фæхуыдтаит  дипломатон корпусы æмæ тæрхондоны  президенты минæвæртты, – уый фæдыл  дзырдæуы  президент  администрацийы  фидиуæны.

Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй,  президенты администраци протест кæны уый тыххæй, ома парламент импичментон рабадт ауадздзæн, куыд «хуымæтæг, радон кусæн форматы» афтæ.

«Президенты администраци протест кæны уыцы  факт, ома парламент  президенты импичментон  рабадт æиæ ахæм нысаниуæгджын процесс  нымайы æмæ уадзы, куыд  «хуымæтæг, радон  кусæн формат» афтæ. Президенты  администрацийы æркуырдтæм нæкæсгæ, парламент нæзагъд ракодта импичменты кæсыны рæстæджы фæхуыдтаит   Гуырдзыстоны аккредитацигонд дипломатон  корпусы æмæ  конституцион  тæрхондоны  президенты минæвæртты», –  дзырдæуы  фидиуæны.

Президенты импичменты фарста кæсын  парламенты абон ацæудзæн. Фарста кæсын райдайдзæн  12:00 сахатыл.