Президенты администраци – национ разыдзинады процесс у æргом, рухсдзыд æмæ йын ницы сусæгдзинады равг ис, президент хъусы алкæмæ æмæ цымидис кæны æхсæнады къордты позицитæй
Гуырдзыстоны президенты администраци ахæлиу кодта фидиуæн, кæцыйы мидæг дзырдæуы, ома президенты инициативæйæ райдайæг национ разыдзинады процесс, вазыгджын комплексон процесс у, кæцы у гом, рухсдзыд æмæ йын ницы сусæгдзинады равг ис.
«Фæстаг бонты, халиу кодта æндæр æмæ æндæр информаци, кæцыйы равзæрæн нæу президенты администраци. Националон разыдзинады процессы райдайæны президент хъсы алкæмæ, уадзы фембæлдтæ æмæ интересджын у æндæр æмæ æндæр æхсæнадон къордты хъуыдытæй, инициативæтæй,кæнæ позицитæй. Ай æппæт у национ разыдзинады процессы хай.
Банысанкæнинаг у уыцы факт, цæмæй ацы процессы баст сты æнæрмæст политикон партитæ, фæлæма æхсæнад дæр æмæ сæ нымæцы, амæттæгты фарстатыл кусæг æнæхицауадон организацитæ.
Гуырдзыстоны президент нырид фембæлдис Гуырдзыстоны Патриархимæ,Гуырдзыстоны цыппæрæм президент Гиорги Маргвелашвилиимæ æмæ политикон партиты минæвæрттимæ. Процесс дарддæр кæны æмæ президент фембæлдтæ адарддæр кæндзæн активон режимы» – банысангонд у фидиуæны.