Президенты администраци - Китайы минæварæн президенты администрацийы хистæр загъта, цæмæй Саломэ Зурабишвилийы интервьюйы нæ уыдис амынд Китайимæ ахастытыл кæнæ Китайы президентыл
Гуырдзыстоны президенты администрацийы хистæр Натиа Сулава абон Гуырдзыстоны Китайы Адæмон Республикæйы сæрмагонд æмæ ææххæстбарджын минæвар Чжоу Циенимæ фембæлдис. Информаци уый фæдыл президенты администраци хъусын кæны.
Администрацийы ахæлиугонд фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, Орбелианиты галуаны уагъд фембæлдыл, президенты администрацийы хистæр загхта, цæмæй Телекомпани «LCI»-йæн лæвæрд интервьюйы, Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийы дзуаппы ницы формæйæ нæ уыд амынд Гуырдзыстон-Китайы ахастытыл, кæнæ та конкретонæй Китайы Адæмон Республикæйы президентыл.
«Æнæхъæн интервью уыдис Гуырдзыстон-Евроцæдисы ахастытыл, Гуырдзыстоныл æмæ Уæрæсейыл, уымæ гæсгæйæ дæр, президенты дзуапп æххæссыд æрмæстдæр уыцы бæстæйы президентмæ, кæцы оккупаци скодта Гуырдзыстоны территоритæ»- дзырдæуы ахæлиугонд информацийы.