Президентон æвазæрстытæм «Гуырдзиаг Бæллицц» сæрмагонд кандидаты нæ раразмæ кæндзæн
Президентон æвзæрстытæм «Гуырдзиаг Бæллицц» с сæрмагонд кандидаты нæ раразмæ кæндзæн. Уый фæдыл, Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, «Гуырдзиаг Бæллиццы» æххæстгæнæг нымæрдар Ираклий Къобахидзе, райхъусын кодта партийы офисы уагъд пресс-конференцийы рæстæджы.
«»абон уагъд æрцыд партион æмбырд, кæцыйыл æркастыстæм ахсджиаг фарстатæ, сæ нымæцы, ахицæн кодтам «Гуырдзиаг Бæллиццы» хайад президентон æвзæрстыты. Райстæуыд принципон уынаффæ, ома «Гуырдзиаг Бæллицц» æвзæрстытæм сæрмагонд кандидаты нæ раразмæ кæндзæн» – райхъусын кордта Къобахидзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, «Гуырдзиаг Бæллицц» æркæсдзæн, президенттæм кандидатты æххæст номхыгъдмæ æмæ фæстæдæр ахицæн кæндзæн, кæцы кандидатæн рахæца йæ фарс.