Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа вакцинацийы архайадон планы фæдыл радон кусæн фембæлд ауагъдта.
Фембæлды фæстæ æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг Тамар Габуниа куыд фехъуцсын кодта уымæ гæсгæйæ, зæгъгæ фембæлдыл ноджы иу хатт æркастысты бæстæйы вакцинæ æрбаласыны æмæ йæ æрфидар кæныны амæлттæ.
Тамар Габуниайы фидиуæнæй, бæстæмæ алы уыцы вакцина æрласдзысты кæцыйæн уыдзæн æнæниздзинад хъахъъхæнынады æппæтдунейон организацийы банымад.
Низты контролы нациаонлон центры директоры хæдивæг Паата Имнадзейы дзырдæй, план æххæссы уымæ, цæмæй куыд хъуамæ æвæрд уа вакцинæ бæстæйы.
«Цæй зæгъын æй хъæуы ацы рагхыгъдтæ уымæ гæсгæ сты, цæмæй цы типы вакцинæ æрцæудзæн бæстæмæ, ам ис -80 градусджын вакцинæ, -20 градусджын вакцинæ, хуымæтæг температурон режимы вакцинæ дæр. План æххæссы алцы амæлттæм кæцы ис гæнæн уа вакцинæимæ баст» – райхъусын кодта Имнадзе.