Премьер-министры бынатмæ æмæ министртæм кандидаттимæ парламентон фылдæрты фембæлд æхгæд режимы цæуы

10:49, 08.02.2024

Премьер-министры бынатмæ æмæ министртæм кандидаттимæ   парламентон фылдæрты фембæлд цæуы æхгæд форматы. Уый фæдыл  уынаффæ  депутаттæ  фембæлды размæ  рахастой.

Мамука Мдинарадзе абоны  форматы  фæдыл  æмбарынгæнæн сарызта.

«Ираклий  бавдисдзæн презентаци.  Бирæ рæстæг нын нæй æмæ курæм  куыд  гæнæн ис афтæ  цыбырæй равдиса . стæй  мах фæйнæ дыгай  минуты  сисæм, цæмæй  фарстатæ  раттæм.  Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  уæлдай фарстатæ   растдæр нæ уыдзысты не рдгæй æмæ нæм даргъ бон æнхъæлмæ кæсы, кæцы рæстæджы нын афтæдæр уыдзæн   нæ  позициты разæгъыны фадт, афтæ куыд  фарстæ  дæттыны. Уый тыххæй. цæмæй ацы  фылдæрты фембæлд  хицауады  фидны скондимæ йæ   спецификæмæ,  сæрмгонддзинады  тыххæй, æнхъарæм уын,  фембæлд уа  фæсдуар», –   райхъусын кодта Мамука Мдинарадзе.

Хуыздæр