Премьер-министр фембæлдис Хуссар Кавказ æмæ Централон Азийы, НАТО-йы генералон нымæдары ног специалон минæваримæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, Кавказы æмæ Централон Азийы НАТО-йы генералон нымæрдары специалон минæвар, Хавьер Коломинаимæ фембæлд.
Ныхас уыд НАТО-йы гом дуары политикæйыл æмæ цæгататлантикон альянсмæ Гуырдзыстоны интеграцийы процессыл. Банысан ис цæмæй Гуырдзыстон нысаниуæгджын прогрессмæ æрцыд Европаг æмæ Евроатлантикон интеграцийы фæндагыл, афтæма демократон институтты стынг кæнын æмæ хъахъхъæнынады реформæты сыххæсты æрдгæй.
Ныхасы рæстæджы хъусдард здæхт уыдис НАТО-йы 2022 ащы саммитмæ. Банысан ис цæмæй саммит уыдзæн дзæбæх фадат, æмбæлгæ аргълæвæрд уа Гуырдзыстоны прогрессæн, кæцы йæхи æрдгæй, нлджы стыхджындæр кæндзæн бæстæйы размæцыд евроатлантикон интеграцийы фæндагыл.
Фембæлдыл æркастысты æмгуыстад Сау Денджызы æдадсзинады æрдгæй. Сæрмагондæй бахахх ис Гуырдзыстоны нысаниуæгджын хайбавæрд евроатлантикон сабрдзинад æмæ æдасдзинад ифтонгады.
Хъусдард здæхт уыд НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакеты (SNGP) сыххæстмæ, кæцы НАТО-ы сæйраг практкикон æххуысы механизм у æмæ йæ æнтыстджынæй сыххæст Гуырдзыстоны хицауадæн у приоритетон. Фембæлдыл ныхас уыд НАТО-Гуырдзыстоны иумæйаг ахуырты нысаниуæгыл æмæ банысан ис, ома иумæйаг тыхархайдæй гæнæн ссис НАТО-ы стандарттæм æмбæлгæ ахуырадон инфраструктурæйы модернизаци æмæ стынг кæнын, уымæ гæсгæ дæр, Гуырдзыстон цæттæ у, æмцæдисонтæн егъаумасштабон ахуыртæн бæрзонд стандартты аууæлттæ банхъарын.