Премьер-министр дзуттаг адæмæн  арфæ кæны Ханука
Премьер-министр дзуттаг адæмæн арфæ кæны Ханука

Гуырдзыстоны   премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили  дзуттаг дзыллæйæн  арфæ кæны  Ханука.

Хицауады сæргълæууæг  йæ арфæйы  фыстæджы куыд   банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ Гуырдзиаг  æмæ дзуттаг  адæмты иу кæны миназон  ахастытæ, кæцытæ  паддзахадты æхсæн  хæлардзинады сппæтæй  хуыздæр цæвиттон сты.

«Дзуттаг дзыллæйæн Гуырдзыстоны æмæ   сæ историон фыдыбæстæмæ Израилмæ чи æрыздæхт уыцы  не фсымæртæн, æппæт дзуттаг  адæмæн  зæрдаигæй арфæ кæнын  Ханука –  хæрзиуæгы  уæлахиздзинады, ныссыгъдæджы  æмæ ранæуæгы  стыр бæрæгбон.

Гуырдзиæгты æмæ дзуттæгты  миназон, уникалон   ахастытæ  адæмты æмæ падздахадты æхсæн сты  хæлардзинады сегасдæр хуыздæр цæвитон. Куырдиатæй  æмæ  куыстуарзындзинадæй  æвзæрст  дзуттаг  дзыллæ,  аргъ цæмæн нæй  ахæм егъау хайбавæрд  кæны  нæ  иумæйаг фыдыбæстæйы  арæзтады.

Иу кæнын  уæ бæрæгбонон зæрдæйы азастмæ æмæ  уын  фарн, сабырдзинад æмæ амондджындзинад куы уа, уыцы арфæтæ  уын зæгъы мæ зæрдæ сымах æмæ уæ бинонтæн» –  банысан кодта Ираклий Гъарибашвили  арфæйы фыстæджы.