Премьер-министр барадхъахъæнджытæм æрсидтис, максималонæй фæтынхджындæр кæной æдасдзинады амæлттæ цыфæнды гæнæн быцæудзинады превенцийы нысанæй
Æз мæхæдæг дæн уый гарант, ома абон нæ бæстæйы уæ сæрибар дзырды æмæ хиравдысты сæрибармæ ницы бартъхъирæн кæндзæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили райхъусын кодта.
«Мфæнды мæ фæныхас кæнын фæстаг дыууæ боны дæргъы Тбилисы айтынггонд фæзындты тыххæй. Знон сæумæрайсомæй нæ балы мидæг цыдис уыцы фарстытыл активон тæрхон, кæцыты тыххæй нæ фæсивæд, нæ хъæбултæ абон æмæ знон уынджы, ацы бæстыхайæ цалдæр метр дæрццæг афтæ эмоционæй ныхас кæнынц.
Знон изæр Каха Каладзе нæ балы номæй сарызта фидиуæн, кæцыйы мидæг дырысæй равдыста нæ позици абоны актуалон фарстытæм гæсгæ æмæ æрсидтис алкæмæ, нæ фæсивæдмæ, нæ дзыллæмæ биау уынмæ. Уыцы æбуалгъ фыдракæндимæ тохы, кæцы хуыйны наркотикты реализаци æмæ кæцыйцы амæттаг фæстаг периоды ссис æнæ иу æвзонг.
Уый цæмæй паддзахадæн хуыдзæн иуы æрдгæй наркореализаторты ныхмæ тызмæг позици æмæ уыдзæн тынг гуманон наркопайдагæнджытимæ, æнæ иу хатт загътон æз æмæ ноджы иу хатт бæлвырд кæнын.
Фæнды мæ ноджы иу хатт уын зæгъон, мæ хъæбултæ, мæ хæлæрттæ, нæ зынаргъ æвзонгтæ, сымах стут нæ фидæн, нæ бæстæйы сомбон. Æз мæхæдæг дæн уый гарант, ома абон нæ бæстæйы уæ сæрибар дзырды æмæ хиравдысты сæрибармæ ницы бартъхъирæн кæндзæн. Растдæр ай у иуæ-иу уыцы стыр æнтысттæй сæ иу, кæцыйæ нæ хицауад, алы уæнг дæр рæстагæй хъал стæм æмæ цæй зæгъын æй хъæуы, алцыппæт ай у фыццаджы дæр уе нтыст дæр, сымах алкæй æнтыст» – загъта Гиорги Квирикашвили.
Премьер-министр барадхъахъæнджытæм æрсидтис, максималонæй фæтынхджындæр кæной æдасдзинады амæлттæ цыфæнды гæнæн быцæудзинады превенцийы нысанæй.
«Уый цæмæй адæймаджы дзырды сæрибары хъахъхæнын махæн приоритет у, уый ивгъуыд сахатты дæргъы сбæлвырд ис. Полици, барадхъахъъæнæг уагдæттæ абсолютонæй алцыппæт аразынц уый тыххæй, цæмæй сымахæн æнæкъуылымпйæ уæ бон уа уæ хъуыды равдисын. Ацы фоныл паддзахад цæттæ куы у æмæ тыхтыл нæ ауæрды адæймаджы ацы сегасæй нысаниуæгджын бар бахъанынын, категорионæй нæрайсгæ æмæ æнæруадзгæ у исты хуызы быцæудзинад æмæ дзыллæйы дыууæйыл адихы архайд.
Дзурын барадхъахъхъæнæг органтæн максималонæй фæтыхджындæр кæной æдасдзинады мадзæлттæ цыфæнды гæнæн быæцæудзинад превенцийы нысанæй. Ноджы иу хатт дзурын, ал фарсæн, цыфæнды адæймагæн ис бар сæрибарæй равдиса сæрмагонд хъуыды кæнæ ахаст. Фæлæ хъуыды равдисыны рæстæджы, быцæудзинад у бынтон нæрайсгæ. Кæцыйы мах никæд бонты бауадздзыстæм.
Ноджы иу хатт уæм сидын куырдиатæй, æнхимæ æруадзæм иудзинад иумæйаг нысаны алыварс. Уыцы нысаны, кæцы хуыйны нæ бæстæйы сомбон, нæ фæсивæд, фидæн фæлтæрыл аудын кой кæнын æмæ сæ цард бахъахъхъæнын. Ма бауадзæм фыдзæрдæдзинад хъауджыдæр хъуыдыты тыххæй. Баиу уæм адæймагæты царды æмæ нæ бæстæйы фидæн бахъахъъхæнынæн» – расидтис премьер-министр.