Поты портмæ науæй æрластой 14 000 тоннæ  америкаг  мæнæу
Поты портмæ науæй æрластой 14 000 тоннæ америкаг мæнæу

Америкаг программæ  «Хæлц  прогрессæн»-ы  фæлгæтты  Поты портмæ науæй  æрластой  14 000 тоннæ  америкаг мæнæу.

Уый фæдыл  инфоормаци хъусын кæны  Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад.

Афтæма сæ информацийæ,  мæнæу рæувадат уыдзæн  хицæн секторæн гуырдзиаг базарыл  уæй кæнынæн.

Уæййæ æрбафтгæ  суммæ  АИШ-ы  хъæууон хæдзарады департамент  инвестицийы хуызæй  нывæрдзæн  хъæууон хæдзарады рапарахаты программæйы.

«Поты  портмæ нау «Оушен  Гранд»-æй  14  000  тоннæ  бæрзонд гъæды америкаг  мæнæу æрцыд, кæцы  АИШ-ы  хъæууон хæдзарады  департаменты программæ  «Хæлц  прогрессæн»-ы  хай у.  Фæнысангонд уаргъ  æртæ  æрвитæггагæй  сæ фыццаг у, кæцы иннæ мæйы  дæргъы æрцæудзæн   æмæ   рæувадат уыдзæн  хицæн секторæн   гуырдзиаг базарл  уæй  кæнынæн.

Уæййæ æрбафтгæ  суммæ  АИШ-ы  хъæууон хæдзарады департамент  инвестицийы хуызæй  нывæрдзæн  хъæууон хæдзарады рапарахаты программæйы, цæмæй  Фæхуыздæр уа Гуырдзыстоны  фермерты æмæ  амалиуæггæнджыты  продуктивондзинад æмæ  эффективондзинад. Уыйимæ иумæ, фæхуыздæр уа   хæлцады æнæзианхъомдзинад  æмæ  гъæд Гуырдзыстоны æхсыр продуктты æмæ   сдуры фыды  кондады», – дзырдæуы  минæварады информацийы.