«Польшайаг Радио» - Евроцæдис план кæны Гуырдзыстонмæ баздæхын, цæмæй кæд Саакашвилийæн фæсарæнтæм ацæуыны бар ратдзысты,уæд уый нал рывналдзæн политикон куыстмæ цалынмæ Евроцæдисы территорийыл уыдзæн уæдмæ
Польшайаг медиайы хуъсинагæй, Евроцæдис план кæны, Гуырдзыстонмæ баздæхын инициативæйæ,ома кæд Саакашвилийæн ратдзысты бар фæсарæнтæм ацæуын, уый нæзагъд ракæндзæн æхсæнадон цардуагыл æмæ нал рывналдзæн политикон куыстмæ.
Польшæ цæттæ у, Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвилийы райса хоскæнынмæ – уый фæдыл информаци, Польшæйы Æхсæнадон Уацхæссæг «Польшайаг Радио» хъусын кæны. Медиафæрæзы хъусинагæй, Польшæ Евроцæдисы æмбырд кæны къухфыстытæ, цæмæй Гуырдзыстоны хицауадмæ баздæха Саакашвилийы ссæрибар кæнны куырдиатæй.
Брюсселы «Польшайаг Радиойы» корреспондент куыд хъусын кæны афтæмæй, цыппæрæммæ плангонд саммиты размæ Евроцæдисы хъавынц, Гуырдзыстоны хицауадмæ фыстæг рарвитын Польшæйы инициативæйы фæдыл. Медиафæрæзы информацийæ, фыстæджы уыдзæн куырдиат уый фæдыл, ома кæд Михеил Саакашвилийæн фæсарæнты хоскæнынмæ ацæуыны бар ратдзысты, уый нæзагъд ракæндзæн æхсæнадон цардуагыл æмæ нал рывналдзæн политикон куыстмæ, цалынмæ Евроцæдисы территорийыл уыдзæн уæдмæ.
«Михеил Саакашвили куы амæла, уый бааууон кæндзæн Гуырдзыстоны ахастытæ, Евроцæдисимæ, АИШ-имæ æмæ НАТО-имæ » – дзырдæуы фыстæджы фрагменты, кæцыимæ æрзонгæ ис «Польшайаг Радиойы» корреспондент.