Польшæйы Сейм Уæрæсе банымадта терроризмы спонсор паддзахадыл.
Польшайаг медиа куыд фыссы афтæмæй, истр документы кæсæм, цæмæй Уæрæсе «систематонæй халы адæймаджы бартæ, æхсæнадæмон барад, ИНО-ы хартийы æмæ æндæр хæсистытæ, бырсы æндæр паддзахадты территоритæм, æххæст кæны гарзджын бырстытæ, æфсæддон фыдракæндтæ æмæ геноцид, энергетикæйы сферæйы знагон экономикон куыст кæны», цæй тыххæй дæр «Уæрæсе изоляцигонд хъуамæ уа æхсæнадæмон аренæйыл».
Ацы документы банысангонд у, цæмæй Уæрæсе у «бæрнон 2014 азы июлы малайзиаг авиалайнеры æрыппарыны, кæцы рæстæджы 298 бæлццон æмæ экипажы уæнг амард æмæ Польшæйы æфсæддон-уæлдæфон тыхты хæдтæхæгы катастррофæйы Смоленскы 2010 азы апрелы, кæцыйы бортыл уæвæг 96 адæймаг амард, сæ нымæцы Польшæйы преиздент Лех Качински æмæ польшайаг бæрзонд гæстæ».