Польшæйы премьер-министр – Евроцæдис сыхаг бæстæтæн хъуамæ банхъара уæнгдзинады перспективæ
Польшæйы премьер-министры дзырдæй, зæгъгæ Евроцæдис сыхаг бæстæтæн реалон перспективæ хъуамæ банхъарид, æндæр цауы та уый æндæр сараздзысты. Ацы фидиуæн, Матеуш Моравецки Польшæйы сенаты, инаугурацион дзырдæй ралæуды рæстæджы сарызта.
«Мах Ныгуылæны æдасæй доминацийы эпохæйы нал цæрæм: дард Скæсæны, Æввахс Скæсæны æмæ махæн сеппæтæй хæстæг уæвæг Скæсæны дæо ис æхсæнадæмон хъазджытæ, кæцытæ Европæйы æдыхдзинадæй стыр цинæй спайда кæндзысты. Уый тыххæй дæр нæ фæнды амбицион Евроцæдис, кæцы æргом у ног уæнгты райсынмæ. Евроцæдис, кæцы гом уыдзæн Ныгуылæн Балканты паддзахадæн. Кæд сыхаг бæстæтæн реалон перспективæ нæ банхъардзыстæм, уæд уый мах бæсты, æндæртæ сараздзысты – Уæрæсе, Китай, Турк, Радикалон ислам… æмæ алцыппæт уый ныридæгæн цæугæ дæр кæны» – райхъусын кодта Моравецки.
Польшæйы ног премьер-министр афтæдæр фæныхас кодта НАТО-йы тыххæй æмæ йæ «Дунейы историйы дæргъы, сегасæй тыхджындæр æфсæддон иудзинадæй» схуыдта.