Польшæйы пъæлицæй  æххæстбартæй фыдвæнд спайдайы  тыххæй тæрхонмæ лæвæрд  мидхъуыддæгты раздæры министры  æмæ  раздæры паддзахадон нымæрдары  президенты галуаны æрцахста
Польшæйы пъæлицæй æххæстбартæй фыдвæнд спайдайы тыххæй тæрхонмæ лæвæрд мидхъуыддæгты раздæры министры æмæ раздæры паддзахадон нымæрдары президенты галуаны æрцахста

Польшæйы  пъæлицæй, æххæстбартæй фыдвæнд спайдайы  тыххæй тæрхонмæ лæвæрд дыууæ политикы   президенты галуаны  æрцахста.

Медиайы  хъусинагæй,  бæстæйы раздæры   мидхъуыддæгты министр Мариуш  Камински  æмæ йæ раздæры   паддзахадон нымæрдар, Мачей  Васик   президент Анджей Дудайы   галуаны  бамбæхстысты.

Политикты æрцахст  президенты  галуаны   раз 300-ы онг  адæймаг  спротест кодтой.  Уæдмæ  та бæстæйы   премьер-министр,   Дональд Туск  президент Анджей Дудайы  политикты æрцахсты кулымпыдзинады  фæаххосджын кодта.

Камински  æмæ Васикы, æххæстбарты  фыдвæнд спайдайы  аххосагæй  2007 азы   сæххæст   архæйдтыты  тыххæй    раттой  тæрхонмæ.  Анджей Дуда  уыдонæн 2015 азы ныххатыр кодта, фæлæ  ивгъуыд азы  июны  Польшæйы Сæйраг Тæрхондон   уыдонæн ныххатыры  уынафæ аивдта.   Уый фæстæ  политиктæ  тæрхонмæ   ногæй  уыдысты лæвæрд. Декабры кæрон  Варшавæйы  районон тæрхондон  уыдонæн дыууæ  азæй  ахст  стæрхон кодта.