Польшæйы мидхъуыддæгты министр хъусын кæны, цæмæй бæстæйы æрцахстой Уæрæсейы дыууæ æмæбстагы æрцахстой, кæцытæ «Вагнеры» къорды пропагандистон æрмæджытæ хæлиу кодтой
Польшæйы, мидæгон æдасдзинады агентады (ABW) кусджытæ Уæрæсейы дыууæ æмæбстагы æрцахстой, кæцытæ «Вагнеры» къорды пропагандистон æрмæджытæ хæлиу кодтой. Уый фæдыл Польшæйы мидхъуыддæгты министр Мариуш Камински «Твиттеры» фарсыл фыссы.
«Мид æдасдзинады агентад, пъæлицæйимæ æмкуыстгæнгæйæ ссардта æмæ рацахста дыууæ уырыссагы, кæцытæ «Вагнеры» къорды пропагандистон æрмæджытæ хæлиу кодтой Краковы æмæ Варшавæйы», – фыссы министр.
Уыимæ Мариуш Камински æмбарын кæны, цæмæй Уæрæсейы дыууæдæр æмбæстагæн бавдыстой аххосаг шпионажы статийæ.
Бакой уын кæндзыстæм, Мариул Камински 16 марты фехъусын кодта, цæмæй мид æдасдзинады агентад скуынæг кодта дзырдхæссæгон хызаг, кæцы архайдта Уæрæсейы пайдайæн. Ацы операцийы фæлгæтты фараст адæймагы æрцахстой.