Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты министр – Афон у Евроцæдис раива инструменттæ, цæмæй фидаугæ дæр с’уа нæ партнертæн
Мæ хъуыдымæ гæсгæ, афон у, цæмæй Евроцæдис раива инструменттæ, цæмæй бæзгæ дæр уа нæ партнертæн – уый фæдыл Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты министр, Яцек Кшиштоф Чапутович Мюнхены æдасдзинады конференцийыл райхъусын кодта.
Фæсарæн хъуыддæгты министр, сыхаг бæстæты ныхмæ Уæрæсейы агрессийы фоныл сабырад æрфидар кæныны перспективæйы тыххæй фарстытæн ратта дзуапп.
«Дзуапп ратдзынæн гуырдзиаг раныхасгæнæгæн, мах евроцæдисы иугонд хъуамæ уæм, цæмæй нæ солидарондзинад æвдисæм. Нæ партнертæ нын тынг нысаниуæгджын сты. Ис сæм Европæмæ тырнынад. Æхсæнад бæлвырд кæны ацы тырнынад. Уый тыххæй, семæ иумæ хъуамæ бакусæм. Польшæ Швециимæ иумæ Скæсæн партнерады инциргæнæг уыд. Хъуыды кæнын, ныр афон у, ивд æрцæуæд инструменттæ, цæмæй организаци фидаугæ дæр уа нæ партнертæн» – райхъусын кодта Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты министр.