Польшæйы æмæ  Германийы  президенттæ  Дыккаг Дунеон хæсты амæттæгтæн сæ ном  ссартой
Польшæйы æмæ Германийы президенттæ Дыккаг Дунеон хæсты амæттæгтæн сæ ном ссартой

Польшæйы æмæ  Германийы  президенттæ  Дыккаг Дунеон хæсты амæттæгтæн сæ ном  ссартой.

Дыккаг Дунеон хæст райдаынæй  80 азыс æрмæ  нывонд  мадзæлттæ  сахар  Велиуны  минутон æнæсдзырдæй   райдыдта.  Фæстæдæр та, лидертæ  дзырдæй ралæууыдысты.

Германийы  Федерацийы  президент  Франк-Вальтер  Штайнмайер  куыд райхъусын кодт афтæмæй зæгъгæ,  Германи Дыккаг Дунеон хæсты тыххæй йæ бæрн  никуы  ферох кæндзæн.

1939 азы  фыццаг сентябры,  фашистон  Германийы  авиаци  сахар  Велиуныл  бомбæппæрст сыххæст кодта.  Уый фæстиуæгæн фæмард  1 200  адæймаг.  Параллелонæй нацистты крейсер  Польшайаг портон сахар  Гданскъы цур уæвæг  æфсæддон æвæрæнтыл  райдыдта  æхст.  Растдæр ацы  фæзындтæй   райдыдта Дыккаг  Дунеон Хæст.