Польшæ Минскы зылынджын кæны мигрантты фæдыл кризисы, тактикæ ивды
Польшæ Минскы зылынджын кæны мигрантты фæдыл кризисы, тактикæ ивды.
Информаци хуъсын кæны «Дойче Велле».
Польшæйы хъахъхъæнынады министр, Мариуш Блашекы фидиуæнæй, Белорусаг арæнхъахъхъæнджытæ Польшæ-Белорусийы арæныл лæууæг мигранттæнф æткдæттыны тактикæ фæивдтой. ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, ныр зæгъгæ мигрантты чысыл къордтæ арæныл рахизын иурæстæгонæй цалдæр локацийыл архайынц æмæ сын ацы хъуыддаджы æххуыс кæнынц белорусаг арæнхъахъхъæнджытæ.
Хъахъхъæнынады министры хъусинагæй, ивгъуыд бон арæнсæттыны 195 факт сфиксир кодтой. Йæ информацийæ, мигранттæ агрессивон дартой сæхи æмæ польшайаг арæнхъахъхъæнджытыл дуртæ æхстой, афтæма цæссыгуадзæн газы гранатæтæ æхстой.
Польшæ-Белорусиы арæныл æнæлегал мигрантты къада зæрдæвæрæны мæйæ нæ лæууы. Евроцæдис Белорусы хицауады мигрантты фæрцы «гибридон бырсты» зылынджын кæны. Фæнысангонды тыххæй, цалдæр боны размæ, евроцæдис, Белорусийы ныхмæ санкциты пакет скусын кæнын ахицæн кодта.