Польшæ гæнæн ис, Стыр Британийæн  солидарондзинад  рависа æмæ  бæстæйæ  уырыссаг дипломатты феддæдуар кæнаа
Польшæ гæнæн ис, Стыр Британийæн солидарондзинад рависа æмæ бæстæйæ уырыссаг дипломатты феддæдуар кæнаа

Польшæ гæнæн ис, Стыр Британийæн  солидарондзинад  рависа æмæ  бæстæйæ  уырыссаг дипломатты феддæдуар кæна – уый фæдыл  информацийы  иуæй-иу  польшайаг  рауцагъдад   хæлиу кæны.

Сæ версимæ гæсгæ,   Варшавайы  Уæрæсейы ныхмæ  санкциты   уагæвæрды  фарсты дæл тæрхон кæнынц.   Дискусси  та  уый фæстæ райдыдта,    Стыр Британи  дывæрон  агенты, Сергей Скрипалы  æмæ  йæ  чызджы  фæхъæстæйы  хъуыддаджы Уæрсейы  æргомæй  куы фæаххосджын кодта.

Цалдæр боны размæ Польшæйы фæсарæнхъуыддæгты   министр  Конрад  Шимански  рйхъусын кодта, цæмæй  Варшава  бацархайдзæн   бауырнын кæна Германийы,   нæзагъд ракæна   «Цæгаты къада 2»-ы газдадзæныл.

Фæсарæн хъуыддæгты министры   ныхæстæм гæсгæ,  Солсберийы  инцидент уый амонæг у,  ома Уæрæсе  нæу   æууæнкджын партнер.

Стыр Британийы премьер-министр Терезайы мэйы  фидиуæнæй,   Британи Уæрæсеййы  иуыл бæрзонд  хицауадимæ   алы æмвæзады  ахастытæ  уромы.  Æнсынагонд  скуыддзаг ист æрцыд сахар Солсберийы  Уæрæсейы   рагысгарæг куысты раздæры офицеры   Сергей Скрипалы  æмæ йæ чызджы  фæхъæстæй тыххæй.

12 марты   Тереза Мэй  Мæскуйæн бавдыста 24 сахатон ультиматум  æимæ  раздæры   уырыссаг  бæрæгдзау Сергей Скрипалы  æмæ йæ  чызджы   фæхъæстæйы  хъуыддагыл, æмбарынгæнæн саразын  æрдомтта,  æндæр цауы  та сæм санкцитæй бартъхъирæн кодта.