Польшæ Евроцæдисы дывæрон стандартты азымджын кæны

Польшæ  Евроцæдисы демократимæ гæсгæ  дывæрон стандартты  азымджын кæны.

Парламенты  дзырдæй ралæууды рæстæджы,   Поьшæйы фæсарæн хъуыддæгты министр  райхъусын кодта,  цæмæй  европæйаг  интеграцийы  идеяйæн сеппæтæй фылдæр зиан  хæссы,   закъоны раз  уæнг бæстæты  æнæмсæр уавæр.

Джасек Чапутовичы  фидиуæнæй,  Еврокамис йæ функцийы не ххæст кæны,  кæцы  бадзырдты объективонæй  хъахъъхæнын дары йæ хъуыдыйы.

«Фæнды мæ райхъусын  кæнон, цæмæй еврокамис,  суперхицауад нæу,   еврпарлоамент та  суперпарламент  æмæ  сæм,  националон парламенттæн инструкцитæ дæттыны бар нæй» –  баныан кодта Польшæйы  æддæ хъуыддæгты уагдоны  къухдариуæггæнæг.