Политиктæм æвæрццаг ахаст дарыны рейтингы лидертæ сты Давит Бакрадзе æмæ Каха Каладзе
Политиктæм æвæрццаг ахасты рейтингы лидертæ смты «Европаг Гуырдзыстоны» лидер Давит бакрадзе æмæ сæйраг горæты мэр Каха Каладзе.
Националон-Демокративон Институты (NDI) иртасæнмæ гæсгæйæ, «Европаг Гуырдзыстоны» лидер Давит Бакрадзейы 34% æвæрццаг аргъ кæнынц, 22 та æппæрццагæй.
Ацы рафарстмæ гæсгæйæ, æмбæстæгты 34 процент Каха Каладзейы куыстæн æвæрццаг аргъ дæттынц, 49 процент та æппæрццагæй.
Рафарстмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийæн 13 процент æвæрццаг аргъ дæттынц, 49 процент æппæрццагæй.
Авторты информацийæ, иртасæн ацыд 2019 азы 19 ноябр – 13 декабры онг периоды, Гуырдызстоны масштабæй (оккупиргонд территоритæй цух), 2,180 интервьюйы, минæварадон равзæрсты бындурыл.
«NDI»-ы иртасæнтæ æххæстт цæуынц Стыр Британийы хицауады UK aid-ы финансон æххуысæй. Рафарст æххæст кæны «CRRC-Гуырдзыстон». Рафарсты рæдыды астæуккаг арæн +/- 1.9 процент у.