Полици  рафарста Гиорги Чъантуриайы бинойнагы
Полици рафарста Гиорги Чъантуриайы бинойнагы

Дæллаг Картлийы  бæстæйон  полицийы   сæйраг  уагдоны   Сосо Кутателадзейы  марындзинады  фæдагуырды фæлгæтты  ахстæ мæ фæстæдæр ссæрибаргонд Гиорги Чъантуриайы  бинонйга Ани Хурциайы  фыццаг хатт æрфарстой.

Барадхъахъхæнджытимæ ныхасы фæстæ  Ани Хурциа журналисттæн куыд фехъусын кодта афтæмæй,  фæдагуырд йæ  фарста  уый тыххæй,   цæмæй   цы ахастытæ  уыд йæ сæрыхицауæн   фæмардуæвæг генералимæ,  æмæ уыдис сын æви нæ исты  конфликт.

Ани Хурциа хъусын кæны, цæмæй  йæм ис æнхъæлц,  цæмæй æрфарсты фæстæ йæ мойы ссæрибар кæндзысты æмæ йæ дыккагæй  нал æрцахсдзысты зæгъгæ.

Сосо Кутателадзейы  марындзинады  фæдагуырды фæлгæтты  ахст æмæ фæстæдæр ссæрибаргонд  Гиорги Чъантуриа æмæ йæ хо  Мариам Чъантуриа  Дæллаг Картлийы  бæстæйон  полицийы  фæлхатгæ æрфарстыл уæвынц.