Питер Сиярто - Æнæкæсгæ хитъыссыны  фæлварæнмæ, Гуырдзыстоны адæм ирдæй равдыстой, цы сæ фæнды, хицаугæнæг парти фæуæлахиз, уый хорз у, арфæ уын кæнæм
Питер Сиярто - Æнæкæсгæ хитъыссыны фæлварæнмæ, Гуырдзыстоны адæм ирдæй равдыстой, цы сæ фæнды, хицаугæнæг парти фæуæлахиз, уый хорз у, арфæ уын кæнæм

Æнæкæсгæ æрбабырсты фæлварæнтæм, Гуырдзыстоны адæм ирдæй равдыстой, цы сæ фæнды, хицаугæнæг парти, кæцы патриоттæн æмæ бинонтæн йæ фарсыл хæцы, æвзæрстыты стыр маржæйæ фæуæлахиз ис – уый фæдыл Венгрийы фæсарæн хъуыддæгты министр Петер Сиярто «Фейсбукы» фыссы.

«Хорз, арфæ дын кæнын! Евроцæдисы  нæ  президентон бынатæй  баззайгæ  периоды  æмæ  кæй зæгъын æй хъæуы  фидæны дæр, алы фарсылхæцындзинад дæр ссардзыстæм нæ гуырдзиаг хæлæрттæн, цæмæй сæ европæйаг интеграцийы тыхархайдтытæн æнтыстджын уа», – ныффыста Сиярто.