Питер Сийарто – Гуырдзыстонмæ фæззæджы хъуамæ уа лæвæрд кандидаты статус, бæстæ уый тыххæй  алцыппæт сарызта
Питер Сийарто – Гуырдзыстонмæ фæззæджы хъуамæ уа лæвæрд кандидаты статус, бæстæ уый тыххæй алцыппæт сарызта

Гуырдзыстоны кандидаты статусы фæдыл  уынаффæ политикон фарста у æмæ мах курæг стæм  Евроцæдисæй  ацы  политикон  хæсдзинад,  уынаффæ, кæцы фæззæджы  хъуамæ сырæза, –  уый фæдыл  Венгрийы  фæсарæн  хъуыддæгты министр, Питер Сийарто  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвилиимæ  иумæйаг прессконференцийыл райхъусын кодта.

Сийарто куыд  банысан кодта афтæмæй,  Гуырдзыстон фæззæджы хъуамæ  райса  кандидаты статус.  Афтæма йæ дзырдæй,  зæгъгæ Гуырдзыстон уый тыххæй алцыппæт  сарызта.

«Мах стыр нысаниуæг дæттæм Кавказы регионимæ æмгуыстадæн, кæцыйы бæлвырдгæнæг у уыцы факт ома 11-12  октябры Тбилисы, Гуырдзыстоны Венгрийы хицауадты уæнгты  æмхайадæй,  иумæйаг саммит ацæудзæн.  Саммиты фæлгæтты къубафыст уыдзæн  инвестицион программæ, афтæма  стипендийы пролонгацийы  фæдыл бадзырд.  Фембæлдыл афтæдæр æркастыстæм  Гуырдзыстонæн  Евроцæдисы  кандидат бæстæйы статусы фарста. Хъуыды кæнæм, цæмæй  Гуырдзыстонмæ, фæззæджы  хъуамæ уа лæвæрд кандидаты статус. Гуырдзыстон уый тыххæй алцыппæт  сарызта.   Гуырдзыстоны кандидаты статусы  фæдыл уынаффæ  политикон  фарста у æмæ мах домæм  Евроцæдисæй,  ацы  политикон хæсдзинад, политикон уынаффæ, кæцы фæззæджы хъуамæ уа  хаст», –  райхъусын Питер Сийарто.