Питер Сийарто - 13 европæйаг фæсарæн хъуыддæгты министр нæ æмбарынц, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад Брюссель нæ снысан кæны, фæлæ адæмæй æвзæрст цæуы
13 Европæйаг фæсарæн хъуыддæгты министртæ нырма дæр нæ æмбарынц, демократи адæмы фæндон кæй у, уый. Уыдон нырма дæр нæ æмбарынц, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад Брюссель нæ снысан кæны, фæлæ йæ æвзарынц гуырдзиаг адæм сæхæдæг – уый фæдыл Венгрийы æттаг хъуыдтæгты æмæ базарады министр Питер Сийарто социалон хызагы фыссы.
«Хъыгагæн, 13 æттаг хъуыдтæгты министр ноджы иу хатт сбæлвырд кодтой, цæмæй либералон мейнстриммæ гæсгæ, демократи бæстæйы ис æрмæстдæр уæд, кæд æмæ либералон парти æвзæрстыты фæуæлахиз уыдзæн.
Мах, Венгрийы, 14 азы дæргъы æмбæлæм æддагон бырсты фæстиуджытæм. Фæлæ хæс Брюсселы æнхъарæнтæ сæххæст кæнын нæу, фæлæ адæмы фæндон сæххæст кæнын.
Афтæ дæр зæгъæн ис Гуырдзыстоны хицауады тыххæй дæр, кæцыимæ фидæны дæр дарддæр кæндзыстæм æнгомæй кусын нæ æмахастыты размæцыд æмæ европон интеграцийы фæтагъддæр кæнынæн», – фыссы Сийарто Петр.
Евроцæдисы 13 уæнг бæстæйы министртæ знон иумæйаг расидæн рапарахат кодтой.