Питер Сиарто – Брюссельæй райстам фæндон, цæмæй гуырдзиаг бæрнон кусджыты ныхмæ санкцитæ сфидар кæнæм, уæ бон у зонат, мах вето æрæвæрдзыстæм.
Венгри æнæхъæнæй ныхмæ у Гуырдзыстоны бæрнонты бахауынæн санкциты номхыгъдмæ, кæд исты ахæм фæндонтæ уыдзæн, уæд сæ вето сæвæрдзыстæм, уый тыххæй уæ бон у æууæндын, – уый фæдыл Венгрийы фæсарæн хъуыддæгты министр Петер Сиярто Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвилиимæ иумæйаг пресс-конференцийы рæстæджы расидтис .
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Венгри цыфæнды хуызы æххуыс кæны Гуырдзыстонæн.
«Кæд æмæ оппозици фæуæлахиз уыдаит æвзæрстытыл, уæд Брюссель хъæрæй хъæр кæнид Гуырдзыстоны демократийы фæдыл. Уыдон зæгъиккой, цæмæй Гуырдзыстоны демократи афтæ тыхджын никуы уыд, фæлæ æвзæрстыты консервативон парти фæуæлахиз ис æмæ алы æппæт дæр аразынц, цæмæй æмбæстæгты фæндон нæ нымайой æмæ ницæмæ дарой. Уый аразынц бынтон æнæдемокративон стильæй. Дызæрдыг кæнынц гуырдзиаг адæмы фæндоныл, кæцы демокративон æвзæрстыты фæрцы равдыстой. Уый у серьезон æмæ зæгъæм æнæвдæлон хъазт, кæцыйы хъазы либералон сæйраг æхсæнад, кæцы æрцæудзæн æрæппæрст.
Венгри æххæстæй æххæст кæны Гуырдзыстоны европæйаг интеграцийы тырнындзинæдтæ æмæ цыфæнды хуызы æххуыс дæтты, кæд æмæ Брюссель æмæ либералон мейнстрим алы æппæт дæр аразынц Гуырдзыстоны æддæдæр кæнынæн, кæцы у тынг зианхæссæг æмæ тæссаг ахаст Брюсселы æрдгæй. Европарламент сбæлвырд кодта резолюци, кæцыйы дзырд цæуы нацийы фæхудинаг кæныны тыххæй æмæ йæ мах нæ райсæм. Афтæмæй, Европарламент зианхæссæг архайдтытæ аразы уыцы бæстæмæ, кæцыйы фæнды Евроцæдисмæ бацæуыны тыххæй бадзырдтæ райдайын. Европарламенты ис хæсты фарс æмæ либералон фылдæры хай, кæцы æнæрлæугæйæ бырсы уыцы адæймæгты, кæцытæ æргомæй дзурынц сабырады хъæугæдзинады тыххæй. Сидæм Брюссельмæ æмæ æппæтдунеон либералон элитæмæ, кад кæной гуырдзиаг адæмы уынаффæйæн æмæ фарста ма æвæрой гуырдзиаг адæмы суверенон барæн сæ бæстæйы фидæны æскъуыддзагæн. Брюссельæй æрæджы райстам фæндон, цæмæй Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министр æмæ полицийы бæрзонд рангы кусджыты ныхмæ европон санкцитæ хъуамæ сфидар кæнæм, кæцы æнæуаг æмæ æнæбындур у. «Венгри æнæхъæнæй ныхмæ у, цæмæй гуырдзиаг бæрнон кусджытæ бахауой санкциты номхыгъдмæ, кæд æмæ æнгæс фæндонтæ уыдзæн, уæд сæ вето сæвæрдзыстæм, уый тыххæй уæ бон у фидарæй зæгъын», – расидтис Сиарто.