Пиа Каума фыстæг арвиты Мака Бочъоришвилимæ – бузныг уæ æмбарынад æмæ æмгуыстады тыххæй, ныфс мæ ис, цæмæй иумæ бакусдзыстæм демокративон уагæвæрдтæ æмæ процесстæ фæтыхджындæр кæнынæн
Пиа Каума фыстæг арвиты Мака Бочъоришвилимæ – бузныг уæ æмбарынад æмæ æмгуыстады тыххæй, ныфс мæ ис, цæмæй иумæ бакусдзыстæм демокративон уагæвæрдтæ æмæ процесстæ фæтыхджындæр кæнынæн

ОSСЕ-йы парламентон ассамблейы президент Пиа Каума Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Мака Бочоришвилимæ фыстæг арвыста.

Фыстæджы куыд банысангонд у афтæмæй, Гуырдзыстонмæ плангонд визиты фæстæмæ ахæссыны фæдыл уынаффæ райстæуыд, уæвæг уавæрты лæмбынæг æркæсыны фæстæ. Пиа Каума фыстæджы хъусын кæны, цæмæй адарддæр кæндзæн йæ тыхархайд, цæмæй æххуыс кæна ОSСЕ/ ОDIHR -ы рекомендациты реализацийæн æмæ разæнгард кæна диалог алы фарсы æхсæн.

«Ныфс мæ ис, æнæниз кæй стут. Гуырдзыстонмæ плангонд визиты фæдыл, мæ раздæры корреспонденцийæ уæлдай хъуамæ фехъусын кæнон, цæмæй хъыгагæн визит нæ сырæздзæн 8-10 январы, фыццаг ныфс куыд дардтам, афтæ. Ацы уынаффæ рахастой ныры уавæртæ лæмбынæг æркæсыны фæстæ.

ЕÆÆО-йы Демокративон институтты æмæ адæймаджы барты фæдыл офисы (ODIHR) æвзæрстыты цæстдарæн миссийы кæронбæттæн хыгъдлæвæрды куыд банысангонд у 26 октябры парламентон æвзæрстыты фæдыл æмæ конструктивонæй знон премьер-министримæ куыд æруынаффæ кодтам афтæмæй, Гуырдзыстоны хъæуы бакусын, цæмæй æвзæрстытæ æрцæуой процесстæ æххæст кæнын ЕÆÆО-йы хæстæ æмæ æхсæнадæмон демократон стандарттæ. Хыгъдлæвæрды хатдзæгтæ æмæ рекомендацитæ сты ахсджиаг хъæндзинæдтæ аиуварс кæнынæн, æмæ æз ноджы иу хатт æххуыс кæнын сæ реализацийæн.

Плангонд визиты нысан уыд ацы нысаниуæгджын рекомендациты фæдыл хицауад, оппозици æмæ æмбæстагон æхсæнадимæ диалог ауадзын æмæ ОSСЕ-йы хæслæвæрд демокративон реформæты фарсылхæцындзинад сбæлвырд кæнын. Кæд æз аргъ кæнын уæ хицауады фæндонæн мæ делегацийы фысым кæнынæн, уæддæр æрцыдтæн ахæм хатдзæгмæ, ома ныры уавæртæ нæ сты æмбæлон ахæм мидисджын æмæ инклюзивон дискусситы хуызæн, кæцытæ хъæуынц æнкъарæн прогрессæн.

Фæлæ мах адарддæр кæндзыстæм нæ фидар тыхархайд, цæмæй æххуыс кæнæм ODIHR-ы рекомендациты реализацийæн æмæ æппæт фарсыты æхсæн диалог разæнгард кæнæм. Æз æнхъæлмæ кæсын Гуырдзыстонмæ æрцæуынæн æмбæлондæр рæстæг сбæлвырд кæнынмæ, кæд æмæ уавæртæ хуыздæр æнцонвадат кæндзысты конструктивон бастдзинад.

Уыимæ иумæ, сидын Гуырдзыстоны хицауадмæ, архайой ОDIHR-ы хыгъдлæвæрды бавдыст рекомендацитæм гæсгæ æмæ приоритетæй снысан кæной инклюзивон æмæ конструктивон диалог алы æмбæлон æххæстбартимæ. ЕÆÆО-йы парламентон ассамблея цæттæ у ацы хъуыддагæн йæ фарс рахæцынмæ, мах дæр цæттæ уыдзыстæм æввахс рæстæджы онлайн-фембæлды ацы фарстыл æруынаффæ кæнынмæ.

Бузныг уæ æмбарынады æмæ дарддæры æмгуыстады тыххæй. Ныфс мæ ис, цæмæй нæ бон уыдзæн иумæйагæй бакусын Гуырдзыстоны демокративон принциптæ æмæ процессты фæтыхджындæр кæнынæн», -ис фыст Пиа Каумайы фыстæджы.